Никарагуæ

Сæрибар энциклопеди Википедийы æрмæг.
Никарагуæйы Республикæ
República de Nicaragua
Тырыса Герб
Тырыса Герб
Никарагуæйы паддзахадон гимн
Официалон æвзаг испайнаг
Сæйраг сахар Манагуæ
Стырдæр сахартæ Блуфилдс, Гранадæ, Леон, Манагуæ
Хицауиуæджы хуыз Республикæ
Территори
 • Æдæппæт 129 494 км²
 • Доны уæлцъары % 2,9
Цæрджытæ
 • Бахыгъд 5 128 517 ад.
 • Æнгомад 38,80 ад./км²
Валютæ кордобæ
Интернет-домен .ni
Код ISO NI
ÆОК-ы код NCA
Телефонон код +505
Сахатон таг -5
ВикиКъæбицы логотип Викикъæбицы медиа

Никарагуæ (исп. Nicaragua), официалон ном у Никарагуæйы Республикæ (исп. República de Nicaragua) у Централон Америкæйы паддзахад.

Истори[ивын | Бындур ивын]

Никарагуæйы атлантикон былгæрон европæйæгтæ ссардтой 1502-æм азы (Христофор Колумбы цыппæрæм балц).

Уыцы бæстæ испайнæгтæ сæхи бакодтой 1522-æм азы (Хиль Гонсалес Давила). Хуссар-хурныгуылæйнаг зæххытыл (цад Никарагуæ æмæ Сабыр фурды былгæроны ’хсæн цы зæхкъубал ис, уым) цы индейæгтæ (ацтекаг знæмтæй иу) цардис, уыимæ испайнæгтæ саразтой бадзырд, æмæ уыцы знæмы фæтæджы ном — Никарао хуындис — рахуыдтой æгас бæстæ. Фæлæ цæгатаг территоритыл испайнæгтæн цалдæр азы бахъуыди хæцын æндæр индейаг знæмтимæ.

XVI æнусы испайнаг конкистадортæ æрæвæрдтой бындур дыууæ сахарæн: цад Никарагуæйы ныгуылæйнаг былгæрон, Атлантикæйæ донвæндаг кæм фæвæййы — сахар Гранадæйæн, Сабыр фурды былгæрон та — сахар Леонæн. Индейæгты дзæвгар хай ныццагъдæуыди кæнæ амарди, испайнæгтæ семæ кæй æрхастой, уыцы низтæй. Æгас чи баззади, уыцы индейæгтæ райдыдтой хæццæ кæнын испайнаг æрлидзджытимæ.

Никарагуæйы конкистадортæ не ссардтой сыгъзæрин æмæ æвзисты дынджыр голтæ, æмæ уый тыххæй Гранадæ æмæ Леон систы Испанийы аграрон колонитæ. XVI æнусы кæрон плантациты кусынæн Африкæйæ райдыдтой ласын цагъайраг негрты. Фæлæ ахæм кусджытæй Никарагуæйы парахатæй пайда нæ кодтой.

1570-æм азæй 1821-æм азы онг Никарагуæ уыди инæлар-капитанад (уырыс. генерал-капитанство) Гватемалæйы сконды. Инæлар-капитонад — афтæ хуынди испайнаг колониалон системæйы административон иуæг. Никарагуæйы территори байуæрстæуыд, латифундист-помещикты ’хсæн. Бынæттон зæхджынтæ пайда кодтой адæмы эксплуатаци кæныны формæ энкомьендæ æмæ пеонажæй.

Бæстæйы скæсæнварс — Москитон Былгæроны (уырыс. Москитный берег) æвзæргомау бæстыхъæд æмæ зындзæуæн хъæдтæ кæй уыди, уый фæрцы йæ испайнæгтæ нæ баколонизаци кодтой. Уыйхыгъд уыцы ран æрбынат кодтой, испайнаг наутæ чи стыгъта æмæ ссырдта, уыцы англисаг пираттæ. Англисæгтæ XVII æнусæй, скæсæн былгæроны сæ позицитæ куы бафидар кодтой, уæд райдыдтой цæугæдон Сан-Хуаны рейдты цæуын Никарагуæйы ныгуылæнварсмæ, æмæ уым испайнаг колонитæм æрбабырс-æрбабырс кодтой. Уыцы дуг Москитон Былгæроны цæрджыты нымæц фылдæр кодта, англисаг колонитæй чи ралыгъд, уыцы негрты руаджы.

Москитийы сæ позицитæ бафидар кæнынмæ тырнгæйæ, англисæгтæ сарæзтой негрты къаролы æвзæрстытæ. Англисæгтæ Москитон Былгæрон сæ армы бын дардтой суанг XIX æнусы æмбисы онг, цалынмæ сæ, Атлантикон æмæ Сабыр фурдтæ иугæнæг къанау Никарагуæйы территорийыл аразынмæ чи хъавыди, уыцы америкæгтæ уырдыгæй нæ ацæуын кодтой.

1821-æм азы, Америкæйы испайнаг колониты хæдбардзинады сæрвæлтау хæсты дæргъы Никарагуæйы территори бацыди Мексикæйы скондмæ.

1823-æм азæй 1838-æм азы онг Никарагуæ уыди Центрон Америкæйы Федералон Республикæйы сконды. Уыцы федералон паддзахады ссыгъди мидхæст, æмæ 1838-æм азы Никарагуæ сси хæдбар.

1825 азæй 1838 азы онг бæстæйы хицау хуындис паддзахады сæргълæууæг (исп. Jefe de Estado), стæй 1858 азы онг — сæйраг разамонæг (исп. Supremo Director), фæстæдæр та — президент. Бæстæйы фыццаг президент уыд Фруто Чаморро, фæлæ йæ хонынц 30-æм президент, уый тыххæй æмæ уый размæ уыдысты 29 алыхуызон сæргълæууæджы, уыдонæй бирæтæ æрмæст иу-дыууæ мæйы дæргъы.

XIX-æм æнусы æмбисæй АИШ æмæ Стыр Британийы ’хсæн райтынг ис, Никарагуæйыл тынгдæр æндавыны сæрвæлтау тох. Уыцы тохæн йæ сæйраг аххосаг уыди — йæ территорийыл дыууæ фурды ’хсæн къанау саразын.

1858-æм азы Никарагуæйы сæйраг сахар сси Манагуæ. Уый агъоммæ хицауад бадти куы Леоны, куы та Гранадæйы. Манагуæ, дыууæ сахары астæу кæй уыд, уый тыххæй равзæрстой.

1910-æм азы бæстæйы æлдариуæг кæнын райдыдта æфсæддон хунтæ.

АИШ-ы денджызон фистæгæфсæддонтæ байстой Аугусто Сандинойы тырыса. 1932 азы конд къам

1912-æм азæй 1933-æм азы онг Никарагуæ уыди АИШ-ы ’рдыгæй оккупацигонд. Уыцы оккупацийы сæр уыдис Никарагуæйы къанау аразæн ницы æндæр бæстæмæ дæттын. Президент Альфонсо Диас æлдариуæг куы кодта, уæд 1914 азы бафыста Брайан-Чаморройы бадзырд — уымæ гæсгæ АИШ æнустæм райста Никарагуæйы зæххыл дыууæ фурды ’хсæн къанау аразыны эксклюзивон бар, стæй кæмфæндыдæр йæ æфсæддон базæтæ аразыны бар. Уыцы бадзырд АИШ-ы дæр схуыдтой стигъаг æмæ хынджылæггæнæг[1], Никарагуæйы та Диас сси йæ адæмы æнæуынон, фæстæдæр ралыгъта АИШ-мæ, мæлгæ та акодта Коста-Рикæйы.

1926-æм азы райдыдта национ-сæрибаргæнæн тох Аугусто Сесар Сандинойы разамындæй. Уыцы тох фæрæстмæ, АИШ йе ’фсад ацæуын кодта — уымæн йæ æндæр аххос уыд Стыр Депрессийы райдиан, Никарагуæйы дæргъватин хæст Иугонд Штаттæм æгæр зынаргъ сси.


19341979 азты, Сандино амарыны фæстæ, Никарагуæйы хицауиуæг кодта Сомосайы клан. Уыдоны ныхмæ тох кодтой сандинистты партизантæ æмæ фæуæлахиз сты. Фæстаг диктатор — Анастасио Сомоса Дебайле — йæ хæдтæхæгыл тагъд алыгъди АИШ-мæ, фæстæдæр сусæгæй æрцарди Парагвайы, фæлæ йæ 1980 азы ссардтой æмæ 17 сентябры, йæ хæдтулгæйы уынджы куы фæцæйцыд, амардтой.

1979—1990 азты паддзахады хицауиуæг кодтой сандинисттæ. Уыцы заман ма уыди Контрасты ныхмæ мидхæст.

1985—1990 азты Никарагуæйы сæргъ лæууыд Национ Ссæрибары Сандинистон Фронты фæтæг Даниэль Ортега Сааведра.

1990-æм азы демократон æвзæрстыты сандинисттæ фембылды сты æмæ хицауиуæг кæнын райдыдта, америкæдзаст чи уыди, ахæм ног хицауад. Паддзахады ног президент ссис сылгоймаг Виолета Барриос де Чаморро (исп. Violeta Barrios de Chamorro; райгуырдис 1929 азы 18 октябры). Уый расидтис национ фидыдады идейæ, æмæ йæхæдæг сарæзта фыццаг къахдзæф: ныххатыр кодта йæ лæджы марæджы æмæ бардзырд радта, цæмæй йæ ахæстонæй ссæрибар кæной. Йæ лæг Педро Барриос де Чаморро уыд оппозицион сенатор æмæ мард æрцыд Самосæйы дуджы. Уымæй ног сылгоймаг-президенты фæндыд зæгъын: мидхæсты рæстæджы бирæ туг ныккалд, фæлæ мах хъуамæ кæрæдзийæн ныххатыр кæнæм æмæ иумæ сабыр цард аразæм. Адæм Вероникæйыл тынг æууæндыдысты, фæлæ йæ бон не сси раздæр сын цæмæйты ныфсæвæрдта, уыдон сæххæст кæнын. Уыйимæ иумæ йæ къухы бафтыд мидхæст æрлæууын кæнын.

Йæ фæстæ цы хицауæдтæ уыд Никарагуæйы, уыдонæй дæр адæм райгон нæ уыдысты, æмæ 2006-æм азы ноябры президентæй ногæй равзæрстæуыд Даниэль Ортега. Уый æвзæрстыты райста æппæт хъæлæсты 38,07%.

Географи[ивын | Бындур ивын]

Никарагуæ у Централон Америкæйы тæккæ стырдæр паддзахад. Йæ фæзуат у 494 мин кв. км. Уæрхмæ у 540 км.

Паддзахадæн йæ иу фарс æхсы Сабыр фурд. Уыцы фурды былгæроны дæргъ у 320 км. Йе ’ннæ фарс æхсы Карибы денджыз. Йæ былгæроны дæргъ — 480 км. Сурзæххыл цæгаты ’рдыгæй æмарæн у Гондурасимæ (922 км), хуссары ’рдыгæй — Коста-Рикæимæ (сæ иумæйаг арæны дæргъ æдæппæтæй у 1231 км).

Бæстæйы сæйраг сахар у Манагуæ. Никарагуæ у Центрон Америкæйы тæккæ гæзæмæдзæрæгджын бæстæтæй иу æмæ ацы æууæлмæ гæсгæ уæлдай уадзы æрмæст Белизæн. Никарагуæйы ис бирæ алыхуызон ланшафттæ.

Бæстæйы территори адихгæнæн ис цыппар дынджыр æрдзон облæстыл. Никарагуæйы фылдæр хай ахсы, хуссарырдæм фæнарæгдæр чи вæййы æмæ картæйы морæхуыз æртæкъуымæджы ’нгæс чи у, уыцы облæст — Никарагуæйаг уæлвæз (уырыс. Никарагуанское нагорье).

Скæсæнырдыгæй йемæ æмарæн у дыккаг облæст — Москитон былгæрон. Никарагуæйы Карибы былгæрон у цъымараджын æмæ дæлиау æвæрд ран, æмæ фæци мангровæ хъæдтæ æмæ зындзæуæн джунглиты бын.

Ацы регионæн йæ бæзнаг зæххытæ æмæ сæгъзæрины гуырæнтæ никуы сцымыдис кодтой испайнаг конкистадорты, æмæ уымæн ацы ран ма æнæвнæлдæй баззадысты Колумбы размæйы Америкæйæн характерон чи уыди, флорæ æмæ фаунæйы ахæм фадгуытæ .

Никарагуæйы вулкан

Æртыккаг облæстыл нымад у, Фонсекы бакæлæнæй паддзахады хуссар-скæсæнмæ, суанг Карибы былгæронмæ чи æххæссы æмæ бæстæйы хуссар сурзæххон арæны æмдæргъ чи айтыгъд ис, уыцы дæлвæз.

Цыппæрæм облæст — ныгуылæйнаг Никарагуæйы вулканджын зонæ. Бæстæйы ис 19 вулканы, уыдонæй иуæй-иутæ архайгæ.

Никарагуæйæн ис хъæздыг флорæ æмæ фаунæ. Бæлæстæй тæккæ арæхдæр æмбæлынц тулдз, нæзы (бæстæйы ныгуылæйнаг æмæ центрон районтæ), сырх бæлас æмæ каучукдартæ. Тæккæ æмбæлагдæр цæрæгойтæ сты пумæ, оцелот, саг, маймулитæ (цалдæр хуызы), аллигатор, бирæхуызон колибри æмæ тутитæ. Паддзахады æмæ æгас Централон Америкæйы стырдæр цад Никарагуæйы æмбæлынц æдзæхх доны чи цæры, ахæм акулæ (2—3 метры дæргъæн) æмæ кардгæсаг. Ацы факт æвдисы, раздæр уыцы цад, стæй Никарагуæйы æндæр цадтæ денджызы бакæлæнтæ кæй уыдысты, цалынмæ тектоникон архайд нæ сарæзта, цад фурдæй чи фæхицæн кодта, уыцы Сабырфурдаг быдыр (уырыс. Тихоокеанская равнина).

Административон дих[ивын | Бындур ивын]

Никарагуæйы департаменттæ

Никарагуæ дихгонд у 15 департаменты æмæ 2 автономон регионыл.

№ п/п Департамент Сæйраг сахар Фæзуат Цæрджытæ
16 Атлантикон Цæгат (авт.) Пуэрто-Кабесас 32 195 249 716
17 Атлантикон Хуссар (авт.) Блуфилдс 27 407 382 079
1 Боако Боако 4 244 168 590
6 Гранадæ Гранадæ 929 190 604
2 Карасо Хинотепе 1 050 177 142
8 Леон Леон 5 107 389 628
9 Мадрис Сомото 1 602 133 250
10 Манагуæ Манагуæ 3 672 1 380 339
11 Масая Масая 590 317 499
12 Матагальпæ Матагальпæ 8 523 484 902
13 Нуэвæ-Сегови Окоталь 3 123 211 233
14 Ривас Ривас 2 155 166 938
15 Сан-Хуан Сан-Карлос 7 473 95 546
7 Хинотегæ Хинотегæ 9 755 297 270
3 Чинандегæ Чинандегæ 4 926 441 308
4 Чонталес Хуигальпæ 6 378 182 019
5 Эстели Эстели 2 335 215 384

Паддзахадон-политикон арæзт[ивын | Бындур ивын]

Никарагуæ у президентон республикæ. Паддзахад æмæ хицауады сæргълæууæг у президент. Равзарынц æй фондз азы æмгъуыдмæ.

Закъæттæуадзæг оргæн — иупалатон Национ Ассамблей. Йе сконды ис, æппæтон æмæ комкоммæ ’взæрстыты 5 азы æмгъуыдмæ кæй равзарынц, ахæм 92 депутаты. Уыдонæй 20 — æвзæрст цæуынц æгас бæстæйы, 70 — зылдтæ æмæ автономон облæсттæй, дыууæ депутаты та æвзæрст нæ цæуынц: иу у, айразмæ фондз азы президент чи уыди, уый; иннæ — ныртæккæйы президентæн æвзæрстыты чи фæхæрд, æмæ хъæлæстæм гæсгæ дыккаг бынат чи бацахста, уыцы кандидат.

Ахсджиагдæр политикон партитæ:

  • Национ Ссæрибары Сандинистон фронт (Frente Sandinista de Liberación Nacional, FSLN). Ныртæккæйы парламенты йын ис 38 бынаты;
  • Либерал-конституцион парти (Partido Liberal Constitucionalista, PLC) — 25 бынаты;
  • Никарагуæйы Либералон Альянс (Alianza Liberal Nicaragüense, ALN) — 23 бынаты;
  • Сногкæныны Сандинистон Змæлд (Movimiento Renovador Sandinista, MRS) — 5 бынаты.

Цæрджытæ[ивын | Бындур ивын]

Цæрджыты нымæцы рæзт
Никарагуæйы чызджытæ

Цæрджыты нымæц у 5,8 милуаны (2008-м азы июлы æввахсон бахыгъдмæ гæсгæ), уыдонæй 54% цæрынц сахарты.

Æрвылаз цæрджыты нымæцыл бафты 1,8%, иу рæстæмбис сылгоймагæн хауы 2,69 сывæллоны (2007). Миграци негативон у (ома, бæстæмæ цас æрбалидзынц, уымæй фылдæр алидзынц): -1,15 мигранты цæрджыты алы минмæ дæр (2007 азы бæрæггæнæнтæм гæсгæ).

Царды рæстæмбис дуг у 71,2 азы.

Этникон сконд[ивын | Бындур ивын]

Негрты Никарагуæйы къорд у Централон Америкæйы стырдæр. Уыдоны ’хсæн ис гарифунæйаг адæмы минæвæрттæ дæр — сæ фыдæлты ’хсæн уыдысты араваккаг адæм, Карибы денджызы сакъадæхты бындурон цæрджытæ.

Æвзæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Æртæ ’взагыл фыст (англисаг, испайнаг æмæ мискитойаг) хъусынгæнинаг Блуфилдсы

Паддзахады официалон æвзаг у испайнаг (ис æм бынæттон фонологион хицæндзинæдтæ). Уыимæ пайда кæнынц индейаг æвзæгтæй дæр (æппæты зынгæдæр у мискитойаг æвзаг, дзурынц ыл сæдæ мин адæймагæй фылдæр). Скæсæны былгæрон чи цæры, уыцы негрты ’хсæн æмбæлы англисаг æвзаджы бынæттон здæхтытæ.

Никарагуæйы къуырматæн ис сæхи жестты æвзаг. Уыцы æвзагæн дунейы лингвисттæ стыр цымыдис дарынц, уый тыххæй æмæ 1980-æмты уыцы æвзаг къуырма сывæлæтты ’хсæн йæхæдæг сæвзæрд, æрдзон æгъдауæй. Кæс: Никарагуæйы жестты æвзаг.

Кæсын-фыссын чи зоны, уыдон æдæппæтæй сты 67,5% (2003-м азы æввахсон бахыгъдмæ гæсгæ).

Дин[ивын | Бындур ивын]

Цы динтыл хæст сты (1995-æм азы сфыстмæ гæсгæ):

Протестанттæ фылдæр сты скæсæйнаг регионты, «испайнаг» ныгуылæны католикон дин йæ тыхы баззæйы.

Бæстыхъæд[ивын | Бындур ивын]

Никарагуæйы бæстыхъæд у тропикон æмæ пассатон. Хус периоды (мартъийæ маймæ) боны рæстæмбис температурæ у +24 ... +32°С. Къæвдатæ фылдæр уарынц июнæй октябры онг. Уыцы периоды боны рæстæмбис температурæ у + 26 … +28°С. Сабыр фурды быгæрон æмæ бæстæйы центрон районтæм абалц кæнынæн тæккæ хуыздæр афон у хус æмæ сатæг рагзымæг. Атлантикæйы былгæронмæ цæуæн ис афæдзы дæргъы цыфæнды афон, рыгджын апрель æмæ майæ фæстæмæ.

Валютæ[ивын | Бындур ивын]

Никарагуæйы æхцайы иуæг у кордобæ. Лыстæгдæр æхца — сентаво.

1 кордобæ = 100 сентавойы. Фæсарæйнаг валютæ баивæн ис банчы кæнæ æхцаивæн пунктты. Фæлæ кордобæтæ фидар валютæйыл баивын зын у.

Кредитон картæйы фæрцы бафидæн ис Никарагуæйы кæмдæриддæр. Бæстæйы практикон æгъдауæй парахатæй пайда кæнынц доллæртæй.

Бæрæгбæттæ[ивын | Бындур ивын]

  • 1-æм январь — Ногбон.
  • 6-æм январь — Хуыцауы Аргъуыды бон (уырыс. день Крещения Господня, исп. Epifanía).
  • 8-æм мартъи — Сылгоймæгты дунеон бон.
  • Сыгъдæг къуыри (исп. Semana Santa) — бæлвырд афон нæ вæййы, фæлæ баст у, цы динон бæрæгбæттæ йæм хауынц, уыдон бæрæг кæныны рæстæгимæ. Уыцы динон бæрæгбæттæ сты:
— Зазхæссæн (Вербное воскресенье);
— Сыгъдæг цыппæрæм (Страстной/Чистый четверг);
Куадзæн.
  • 1-æм май — Фæллойы бон.
  • 3-æм май — Дзуары бон (уырыс. День креста).
  • 30-æм май — Мады бон.
  • 1-æм июнь — Сывæллоны бон.
  • 19-æм июль — Сандинистон Революцийы бон (1979).
  • 1-æм август — Санто-Домингойы бæрæгбон.

Никарагуæдзауы æххæстгæнинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

2005 азы 1-æм ноябрæй Уæрæсейы æмбæстонтæй Никарагуæмæ чи цæуы, уыдон хъуамæ райсой визæ.

Бæстæйæ хæдтæхæгыл атæхыны размæ хъæуы бафидын аэропортон фиддон — 35 доллæры. Вакцинацийы тыххæй сертификат нæ хъæуы. Хæдзарон цæрæгойтæ бæстæйæ аласын æмæ бæстæмæ æрбаласыны тыххæй æнæмæнг хъæуы бавдисын æмбæлон гæххæттытæ, стæй бафидын аласт/æрбаласты бар раттыны тыххæй 20 доллæры. Бæстæмæ æрбаласæн ис: 200 сигареты кæнæ 50 сигарæйы, расыггæнæг нозты 3 литры, къафеттæ кæнæ шоколады 2 килограммы. Уымæй уæлдай ма ис æрбаласæн мини-компьютер, бинокль, фото-, аудио- æмæ видеотехникæ — алы пунктæй фæйнæ иу дзаумайы.

Национ хæринæгтæ[ивын | Бындур ивын]

Никарагуæйæгтæ кæнынц хæринæгтæ пырындзæй, бынæттон халсартæй; уыдонæй уæлдай ма кæнынц уартхæссæджы дзидзайæ конд хæринæгтæ. Уазæгдзæрæнты æмæ ресторанты туристтæн цы фæдæттынц, уыцы хæринæгты фылдæр хай конд у денджызы лæвæрттæй. Бæстæйы тæккæ хъуыстгонддæр расыггæнаг нозт у, Флор Де Канья, зæгъгæ, ахæм ром. Никарагуæйæ йæ ласынц дунейы алы рæттæм.

Æхсызгонæй нуазынц пинолнартхоры ссад æмæ какаойæ конд адджын нозт.

Традицитæ[ивын | Бындур ивын]

Манагуæйы карнавалы рæстæг. 2007 аз

Никарагуæйы алы сахар æмæ хъæу афæдз иу хатт бæрæг кæны йæ хъахъхъæнæг зæды бон. Ахæм бонтæйы иуы (зæгъæм, Сан-Себастьяны сахары январы æмæ Сантьягойы сахары июлы) фенæн ис бирæ алыхуызон рæсугъд фольклорон равдыстытæ, карнавалтæ æмæ маскарадтæ.

Экономикæ[ивын | Бындур ивын]

Никарагуæйы экономикæйы сæйраг сектор у хъæууон хæдзарад. Йæ экспорты тæккæ ахсджиагдæр товартæ сты хæрзхъæд къофи, стурыфыд, æхсыры продукттæ, тамако, æнæкуыстгонд сыгъзæрин змис, арахис, сæкæры хъæзы æрдæгфабрикат.

Паддзахады импорт цас у, уыйас йæ экспорт 1 млрд. доллæры къаддæр у. Уымæн йæ сæйраг аххос у, инфляци фæкъаддæр кæнынæн ивгъуыд æнусы 90-æм азты æмбисæй сæ национ валютæ доллæримæ абаргæйæ цæмæй зынаргъ уа, ахæм политикæ кæй кæнынц, уый.

Ахæм политикæ аразынæн йæ материалон бындур у, Дунеон Валютон Фонд (ДВФ; уырыс.: МВФ) Никарагуæйæн цы кредиттæ дæтты, уыдон. 2006-æм азы паддзахады валютæйы резервты бæрц уыди 869 милуан доллæры.

Ахæм политикæйы фæрцы 2004-æм азмæ кордобæйы курс фæфылдæр ис 2,5 хатты, æмæ уыйохыл аласгæ товарты æргътæ тагъд уæлæмæ схызтысты, æрласгæ товарты æргътæ та дзæвгар фæаслам сты. Фæстаг азты бирæ традицион товартæ уадзджытæ фæкъаддæр кодтой сæ товаруагъд, зæгъæм, къофигæнджытæ. Кæд æмæ дунейы базарты къофийы аргъ уæлæмæ цæуы, уæддæр. Егъаудæр проблемæтæй иу у энергетикæйы уавæр. Электроэнергийы 84% дæттынц хъæрмэлектростанцæтæ (ТЭЦ), кæд æмæ ма 1990-æм азы электроэнергийы æрдæджы бæрц цыди ГеоЭС æмæ гидроэлектростанцæтæй. Нефты æргътæ дынджыр кæй сты, уый фæрцы электроэнерги кæныны ахæм структурæ дæтты инфляци æмæ къуылымпы кæны экономикон рæзт. Зæгъæм, 2007-æм азы инфляцийы бæрц уыди 16,88%, ВВП-йы рæзт та æрмæст 3,7%.

Туризм[ивын | Бындур ивын]

Туризм райрæзти æрæджы, фæлæ уæддæр бæстæйы дыккаг стырдæр экономикæйы къабаз сси. Никарагуæйы президент Ортега куыд загъта, туризм хъуамæ фæахъаз уа мæгуырдзинады ныхмæ тохы бæстæйы алы къуымы дæр[12]. Туризмы рæзт æххуыс кæны арæзтад, хъæууон хæдзарад æмæ æндæр къабæзтæн дæр.

Рацæразты фæстæ Никарагуæйы сæйраг аэропорт сси Централон Америкæйы хуыздæр[13]

Туристтæ Никарагуæмæ æрбацæуынц йæ хъæздыг хъæддаг цард фенынмæ, йæ бирæ цадтæ æмæ вулканты рæсугъддзинадæй ныфс райсынмæ. Йæхимæ здахынц рагон сахартæ Леон æмæ Грандæйы архитектурæ дæр, цымыдисæг бынæттон культурæ æмæ рæсугъд денджызон былгæрæттæ. 2005 азы дæргъы æдæппæт 803933 туристы сæ фæллад уагътой Никарагуæйы.

Латинаг Америкæйы паддахæдты ’хсæн Никарагуæйæн раппæлæн ис фыдракæндты ныллæгдæр бæрцæй[12][14]: 100 мин цæрджытæн æрцæуы æрмæст 12 фыдракæнды.

Къахгæ хæзнатæ[ивын | Бындур ивын]

Никарагуæйы зæххы хуылф ис сыгъзæрин, æвзист, æрхуы, вольфрам, зды, цинк, никель, джынасу.

Уымæй уæлдай ма дзы ссардæуыд, бæрцæй къаннæггомау чи у, ахæм нефт æмæ газы гуырæнтæ. Ныртæккæ ныгуылæйнаг компанитæ архайынц ууыл, цæмæй сын уа нефт æмæ газ кусыны бар, фæлæ сæ къуылымпы кæнынц дыууæ хъуыддаджы. Фыццаджы, сыхаг бæстæтæ экологион уавæр фæфыддæрæй кæй тæрсынц (уæлдайдæр, курортон-туристон къабаз парахат кæмæ у, уыцы Коста-Рикæ). Дыккаджы та, уыцы гуырæнтæ цы территорийыл сты, уыдон дзырддаг кæй сты, ома арæнгæрон быцæуты сæр кæй сты.

Транспорт[ивын | Бындур ивын]

Транспортон фæрæзтæ æмæ коммуникациты фылдæр хай сгуппар сты Никарагуæйы ныгуылæны. Автомобилон фæндæгтæ парахатæй аразын райдыдтой 1940-æм азты, æмæ ныртæккæ сæ иумæйаг дæргъ у 20 мин километрмæ æввахс. Фæлæ фæндæгтæн сæ фылдæр хай (16,5 мин км) у æнæ хъæбæр уæлцъарæй. Скæсæйнаг былгæрон афæдз фараст мæйы вæййы къæвдатæ æмæ уый тыххæй уырдыгæй бæстæйы ныгуылæнмæ фæндæгтыл цæуæн нæй, æмæ бынæттон цæрджытæ автотранспорты бæсты пайда кæнынц цæугæдæттæй.

Национ авиакомпани «Аэроникæ»-йы хæдтæхджыты ис тæхæн куыд Никарагуæйы мидæг иу ранæй иннæ ранмæ, афтæ æндæр бæстæтæм дæр. Паддзахады сæйраг сахары аэропорт хуыйны Аугусто Сандинойы номыл. Æдæппæт бæстæйы ис 176 аэропорты, уыдонæй æрмæст иуæндæс аэропортæн ис хъæбæр стæхæн таг.

Кæд æмæ Никарагуæйы фыццаг æфсæнвæндæгтæ фæзындысты XIX æнусы, 2001 азæй фæстæмæ уыдонæй иу километрæй дæр нал пайда кæнынц. Ис егъау арæзтады пълан, кæцымæ гæсгæ æфсæнвæндаг (FERISTSA Railway) цæудзæн АИШ-æй Хуссар Америкæмæ, ома Никарагуæйы зæххытыл дæр.

Сæйраг денджызон порттæ æрбынат сты Сабыр фурды былгæрон: Коринто (Corinto), Пуэрто-Сандино (Puerto Sandino) æмæ Сан-Хуан-дель-Сур (San Juan del Sur).

Æндæр паддзахæдтимæ бастдзинæдтæ[ивын | Бындур ивын]

XX æнусы дыккаг æмбисæй, ССР Цæдисы ахадындзинады фæфылдæры охыл, Никарагуæйы тыхджындæр кæнын райдыдтой галиу политикон идейæтæ. Уыцы хъуыддаг сæвзæрын кодта конфликт Никарагуæ æмæ, диктатор Сомосайæн æххуыс чи кодта, уыцы АИШ-ы ’хсæн. Ныртæккæйы заман Никарагуæйы тыхджынæй тыхджындæр кæны антиамерикаг змæлд, æмæ уыйохыл бæстæйæн ис æнгом ахастытæ, галиудзаст чи у, уыцы Кубæ, Венесуэлæ, Боливи æмæ æндæр ахæм паддзахæдтимæ.

Фæстаг заман, америкаг æфсады гуырысхойаг архайды охыл, Никарагуæйы разамындæн фæзынди уæрæседзаст зæрдахаст. ССР Цæдисы фехæлдмæ Никарагуæ дардта нæ паддзахадæй 3,5 млрд. доллæрмæ æввахс (алы никарагуæйагыл уади 1000 доллæрæй чысыл къаддæр). Уæрæсе этапгай æппæт хæстæ афæсвæд кодта.

Хуссар Ирыстоны официалон банымад[ивын | Бындур ивын]

Никарагуæ сси, Уæрæсейы фæстæ, дыккаг ахæм паддзахад, Абхазы æмæ Хуссар Ирыстоны хæдбардзинад официалон æгъдауæй чи банымадта. Уыцы хабар æмбæлон фæткыл фехъуысын кодта бæстæйы президент Даниэль Ортега.

Æрвитæнтæ[ивын | Бындур ивын]

Фиппаинæгтæ[ивын | Бындур ивын]

  1. Александр Тарасов 1. Фатальная ошибка янки
  2. Никарагуæйы цæрджыты сфыст (1906)
  3. Никарагуæйы цæрджыты сфыст (1920)
  4. Никарагуæйы цæрджыты сфыст (1940)
  5. Никарагуæйы цæрджыты сфыст (1950)
  6. 6,00 6,01 6,02 6,03 6,04 6,05 6,06 6,07 6,08 6,09 6,10 6,11 6,12 6,13 6,14 6,15 6,16 6,17 6,18 6,19 6,20 6,21 6,22 6,23 6,24 6,25 6,26 6,27 6,28 6,29 6,30 6,31 6,32 6,33 6,34 6,35 6,36 6,37 6,38 6,39 6,40 6,41 6,42 6,43 6,44 6,45 6,46 6,47 6,48 6,49 Æппæтдунеон банчы бæрæггæнæнты базæÆппæтдунеон банк.
  7. Никарагуæйы цæрджыты сфыст (1963)
  8. Никарагуæйы цæрджыты сфыст (1971)
  9. Никарагуæйы цæрджыты сфыст (1995)
  10. Никарагуæйы цæрджыты сфыст (2005)
  11. Æппæтдунеон банчы бæрæггæнæнты базæÆппæтдунеон банк.
  12. 12,0 12,1 Ortega banks on tourism to beat poverty, Guardian Unlimited, 2007-08-12
  13. Country Profile: Nicaragua; Infrastructure
  14. Jimmy Carter. Jimmy Carter's Nicaragua Trip Report // The Carter Center, 2007-08-12